Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2-4 Куы банозтджын, уӕд Балтасар, йӕ фыд Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй ӕрбаласта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист кӕхцытӕ ӕрбахӕссын кодта. Паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин кӕхцытӕй сӕн нуӕзтой ӕмӕ кад кодтой сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:2
23 Iomraidhean Croise  

Давид ын загъта: «Ма тӕрс. Дӕ фыд Ионатаны сӕр хъуыды кӕнгӕйӕ, ӕз дӕуӕн ӕнӕмӕнг хорзы бацӕудзынӕн. Дӕ фыды фыд Саулы зӕххытӕ дын иууылдӕр фӕстӕмӕ ратдзынӕн, дӕхӕдӕг та кӕддӕриддӕр мемӕ ӕмвынг уыдзынӕ».


Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.


будсудзӕнтӕ, къустӕ. Сыгъзӕрин ӕмӕ дзы ӕвзист мигӕнӕнӕй цыдӕриддӕр уыд, уыдон иууылдӕр рахаста хъахъхъӕнджыты хицау Невузарадан.


Уый фӕстӕ Роховам ракуырдта Авессаломы чызг Маахайы, ӕмӕ йын уый ныййардта Авийа, Аттай, Зиза ӕмӕ Шеломиты.


Аса йӕ фыды мад Маахайӕн йӕ паддзахы кад айста, Ашерӕйы кадӕн цы ӕлгъаг цӕджындз саразын кодта, уый тыххӕй. Цӕджындз акъуырдта, ныззыгуым ӕй кодта ӕмӕ йӕ Кедроны дӕлвӕзы басыгъта.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.


Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ паддзах Кир уырдыгӕй рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ, Иудейы бӕстӕйӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, йӕ ном Шешбаццар, уымӕ радта.


Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.


Халдейӕгтӕ, Вавилоны цӕрджытӕ, сӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ сӕ куырыхонты ныхмӕ кард ист ӕрцыд, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.


Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?


Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.


Дӕхи уӕларвы Бардарӕгӕй уӕлдӕр сӕвӕрдтай. Йӕ Хӕдзары кӕхцытӕ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытимӕ уыдонӕй сӕн нуӕзтай. Ӕвзист, сыгъзӕрин, ӕрхуы, ӕфсӕйнаг, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кады аккаг скодтай. Уыдон та сты куырм, къуырма ӕмӕ ӕнӕзонд. Дӕ царды комулӕфт кӕй къухы ис ӕмӕ Дӕ фӕндӕгтӕ кӕй бар сты, уыцы Хуыцауы та кады аккаг не скодтай.


Раст уыцы ӕхсӕв халдейӕгты паддзах Балтасары амардӕуыд,


Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan