Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах, дӕ лӕвӕрттӕ ӕмӕ дӕ хӕрзиуджытӕ дӕхи уӕнт. Ӕз дын ӕнӕ уымӕй дӕр ацы фыст бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:17
8 Iomraidhean Croise  

дӕ исбонӕй мӕ суанг ӕндах ӕмӕ дзабыры бос дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ма зӕгъай, ӕз сбонджын кодтон Аврамы, зӕгъгӕ.


Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Мӕнмӕ цы ’рбацыдтӕ? Дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд цы пехуымпартыл сӕ зӕрдӕ дардтой, уыдонмӕ ацу!» Израилы паддзах загъта: «Уыдонӕй нын ницы пайда ис, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах, ӕртӕ паддзахы, моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».


Фӕлӕ йын Елисей загъта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, лӕггад Кӕмӕн кӕнын, Уымӕй, — ницы райсдзынӕн!» Нееман ын лӕгъстӕтӕ бӕргӕ кодта, фӕлӕ йын сӕ уый уӕддӕр нӕ бакуымдта.


Уӕд ын Елисей загъта: «Мӕ зӕрдӕ демӕ уыди, уыцы лӕг йӕ уӕрдонӕй куы ӕрхызти ӕмӕ дӕ размӕ куы рацыди, уӕд! Ныртӕккӕ ууыл стӕм, ӕмӕ нӕхицӕн бынтӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕвзист ӕмӕ дарӕстӕй, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ сӕндӕттӕй, лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй, цагъайраг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕй?


Фӕлӕ мын мӕ фын куы радзурат ӕмӕ мын, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъат, уӕд уын хӕрзиуджытӕ ратдзынӕн ӕмӕ уын стыр кад скӕндзынӕн. Мӕ фын цы амоны, уый мын зӕгъут!»


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Петр ын дзуапп радта: «Де ’хца демӕ фесӕфӕд, уымӕн ӕмӕ ды афтӕ ӕнхъӕл дӕ, цыма Хуыцауы хорзӕхӕн ӕхцайӕ балхӕнӕн ис.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan