Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:16
9 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».


Йӕ къухӕй рафтыдта йӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕн ӕмӕ йӕ Йосефы къухыл бакодта. Йӕ уӕлӕ йын скодта гӕнӕлвыст дарӕс, йӕ хъуырыл ын ӕрцауыгъта сыгъзӕрин рӕхыс.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Фӕлӕ мын мӕ фын куы радзурат ӕмӕ мын, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъат, уӕд уын хӕрзиуджытӕ ратдзынӕн ӕмӕ уын стыр кад скӕндзынӕн. Мӕ фын цы амоны, уый мын зӕгъут!»


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил.


Апостолты къухты ӕрӕвӕрдӕй Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый Симон куы федта, уӕд апостолтӕн ӕхца ӕрбахаста


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan