Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:14
8 Iomraidhean Croise  

Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».


ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?


Цӕмӕй ацы фыст бакӕсой ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъой, уый тыххӕй мӕм ӕрбакодтой Вавилоны ӕппӕт куырыхонты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты, фӕлӕ мын ӕй сӕ бон бамбарын кӕнын не сси.


Цыбыр рӕстӕгмӕ барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты ’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, уымӕн ӕмӕ хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй. Дарийы фӕндыд Даниилы ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan