Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Паддзах Белтешацар кӕй схуыдта, уыцы Даниил хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй, йӕ бон уыди фынтӕ райхалын, ӕмбарын кодта сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ-иу цыфӕнды зын хъуыддаг дӕр равзӕрста. Паддзах Белтешацар кӕуыл сӕвӕрдта, уыцы Даниилмӕ фӕдзурын кӕн, ӕмӕ дын уый ацы фысты нысаниуӕг зӕгъдзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:12
16 Iomraidhean Croise  

Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.


Рӕстуд йӕ хионӕн фӕндаг бацамондзӕн, ӕнӕхуыцӕутты цӕуӕнтыл та фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.


Бирӕзонаг ныхас кӕны хъавгӕйӕ, зондджын фидарзӕрдӕ у.


Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Уӕд паддзах, Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниилы бафарста: «Дӕуӕн дӕ бон ӕцӕг у мӕ фын радзурын ӕмӕ, цы амоны, уый зӕгъын?»


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Цыбыр рӕстӕгмӕ барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты ’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, уымӕн ӕмӕ хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй. Дарийы фӕндыд Даниилы ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын.


Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.


Чырыстийы хъомысджын тыхӕй ӕз уый сӕраппонд кусыныл мӕхи хъарын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan