Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 5:11
19 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Дӕ цагъар йӕхицӕн хъуыдытӕ кодта: „Ныфсы хос мын фестӕд мӕ бардарӕджы, мӕ паддзахы ныхас, уымӕн ӕмӕ мӕ бардарӕг, паддзах, Хуыцауы зӕды хуызӕн у — равзардзӕни ӕвзӕр дӕр ӕмӕ хорз дӕр“. Демӕ уӕд кӕддӕриддӕр Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».


Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.


Дӕ куырыхон зонды фӕрцы схъӕздыг дӕ ӕмӕ дӕ хӕзнадӕттӕ байдзаг кодтай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй.


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


Паддзахы фарст ахӕм зын у, ӕмӕ йын, хуыцӕутты йеддӕмӕ, дзуапп ничи ратдзӕн, фӕлӕ уыдон адӕмимӕ нӕ цӕрынц».


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.


Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:


„Белтешацар, дӕсныфӕрсджыты сӕргълӕууӕг! Ӕз зонын, Хуыцауы Удӕй хайджын кӕй дӕ, уый. Дӕуӕн дӕ бон у цыфӕнды сусӕгдзинад дӕр раргом кӕнын. Зӕгъ-ма мын уӕдӕ, мӕ фын цы амоны, уый.


Ӕз куыд фехъуыстон, афтӕмӕй ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй ӕмӕ дын ис диссаджы сӕрызонд, дӕ куырыхон зонд дын абарӕн дӕр никӕимӕ ис.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дзуры!»


Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»


Иу хатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan