Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Бӕлас уыди диссаджы рӕсугъд, йӕ сыфтӕр — бӕзджын, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты. Ӕгас дунейы дзыллӕты ӕфсӕста, йӕ быны сырдтӕ ӕрцардысты, йӕ къалиуты ’хсӕн мӕргътӕ ахстӕттӕ скодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:9
18 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Ӕрмӕстдӕр ма уӕ мысинӕгты баззайдзысты ацы ныхӕстӕ: «Мӕнӕ не ’фхӕрджытӕ», «Мӕнӕ хъалонисджытӕ», «Мӕнӕ, нӕ фидӕрттыл нын йӕ цӕст чи ӕрӕвӕрдта, уыдон».


«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.


Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ.


Ды Даниилӕй зондджындӕр дӕ, ӕппӕт сусӕгтӕ дӕр дын ӕргом сты.


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.


Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:


Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.


Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan