Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7-8 Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:7
16 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ тыппырнӕмыг ӕфсирты аныхъуырдтой. Мӕ фынтӕ дӕсныфӕрсджытӕн радзырдтон, фӕлӕ мын сӕ уыдонӕй ничи райхӕлдта».


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.


Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.


бакастджын, ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд, зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ лӕппуты — фидӕны паддзахы галуаны сӕ бон лӕггад кӕнын кӕмӕн суыдзӕн, ахӕмты. Лӕппуты хъуамӕ халдейагау кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтаиккой.


Куырыхонтӕ паддзахӕн загътой: «Зӕххыл никӕй бон бауыдзӕн паддзахы домӕн сӕххӕст кӕнын. Иу номдзыд ӕмӕ хъомысджын паддзах дӕр дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕм ахӕм фарст никуыма радта.


Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый йын куырыхонтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ нӕ раргом кӕндзысты.


Уыдон ын ногӕй загътой: «Паддзах, мах дӕ цагъартӕ стӕм. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын уӕд, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


Уыцы рӕстӕг Навуходоносормӕ халдейӕгтӕй чидӕртӕ бацыдысты ӕмӕ дзуттӕгты банымыгътой:


Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Паддзахы куырыхонтӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ фыст бакӕсын ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый паддзахӕн радзурын сӕ иуы бон дӕр нӕ баци.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan