Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 „Белтешацар, дӕсныфӕрсджыты сӕргълӕууӕг! Ӕз зонын, Хуыцауы Удӕй хайджын кӕй дӕ, уый. Дӕуӕн дӕ бон у цыфӕнды сусӕгдзинад дӕр раргом кӕнын. Зӕгъ-ма мын уӕдӕ, мӕ фын цы амоны, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:6
10 Iomraidhean Croise  

Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


Афтӕ уын куы зӕгъой, уе ’ргом раздахут мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм — мынӕг хъӕлӕсӕй чи дзуры ӕмӕ дыгъал-дыгъул чи кӕны, уыдонмӕ, уӕд-иу сын дзуапп раттут, хъуамӕ адӕм сӕ Хуыцаумӕ кувой, стӕй удӕгӕсты тыххӕй дӕр мӕрдты нӕ фӕфӕрсынц, зӕгъгӕ.


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Паддзах фӕсидти кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕм. Куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ разы куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сын


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Гъе, ахӕм фын федтон ӕз. Уӕдӕ мын ныр, Белтешацар, дӕ хорзӕхӕй, бамбарын кӕн, цы амоны, уый. Мӕ паддзахады куырыхонтӕй иуӕн дӕр, цы амоны, уый зӕгъын йӕ бон не сси, фӕлӕ ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй, ӕмӕ йӕ дӕ бон бамбарын кӕнын суыдзӕн“.


Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan