5 Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:
Рацыди дыууӕ азы, ӕмӕ иуахӕмы фараон федта фын. Цыма лӕууыди Нилы былгӕрон,
Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.
Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.
паддзах загъта: «Ӕз федтон фын ӕмӕ тыхсын, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ бон бамбарын нӕу».
Ноджы ма ӕз мӕ хуыссӕнуаты фыны федтон: уӕларвӕй ӕрцӕйцыди Уаз Хъахъхъӕнӕг
сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцӕуӕд.
Гъе, ахӕм фын федтон ӕз. Уӕдӕ мын ныр, Белтешацар, дӕ хорзӕхӕй, бамбарын кӕн, цы амоны, уый. Мӕ паддзахады куырыхонтӕй иуӕн дӕр, цы амоны, уый зӕгъын йӕ бон не сси, фӕлӕ ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй, ӕмӕ йӕ дӕ бон бамбарын кӕнын суыдзӕн“.
Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.
Паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты ныхас фехъусгӕйӕ, ус-паддзах уазджыты уатмӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Дзӕгъӕлы афтӕ фӕтарстӕ ӕмӕ фӕцыди дӕ хуыз.
Дӕ паддзахады ис, Уаз Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, ахӕм лӕг. Дӕ фыды заман уымӕ разынди диссаджы сӕрызонд, ӕмӕ хуыцӕуттау уыди куырыхон. Дӕ фыд, паддзах Навуходоносор ӕй дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонты сӕргъы сӕвӕрдта.
Балтасар фыццаг аз Вавилоны паддзахиуӕг куы кодта, уӕд Даниил фыны, йӕ хуыссӕнуаты, федта цӕстылуайӕн. Уый ныффыста, йӕ фыны цыдӕриддӕр федта, уыдӕттӕ.
Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».