Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Мӕ зонд мӕхимӕ куы ’рцыди, уӕд мӕм мӕ раздӕры кад ӕмӕ хъомыс дӕр раздӕхтысты, фӕстӕмӕ сдӕн хъомысджын ӕмӕ номдзыд паддзах. Мӕ уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ мӕ ме ’лдӕрттӕ ногӕй сӕ паддзахыл банымадтой. Фӕстӕмӕ ӕрфидар дӕн мӕ паддзахады ӕмӕ ноджы хъомысджындӕр сдӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:33
7 Iomraidhean Croise  

ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?


Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».


Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.


Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.


Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.


Уыцы рӕстӕг кӕцӕйдӕр фӕзындысты адӕймаджы къухы ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ паддзахы галуаны чъырӕйцагъд къулыл, цырагъдарӕны бакомкоммӕ, фыссын райдыдтой. Балтасар уый куы федта,


Хуыснӕг ӕхсӕвы ӕнӕнхъӕлӕджы куыд фӕзыны, Бардарӕджы ’рцыды бон дӕр афтӕ кӕй уыдзӕн, уый уӕхӕдӕг дӕр бӕлвырдӕй зонут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan