Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Ды адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, сырдтимӕ цӕрдзынӕ ӕмӕ галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд. Уый паддзахы бынаты сӕвӕры ӕрмӕстдӕр Йӕхи кӕй бафӕнды, уыдоны“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:29
9 Iomraidhean Croise  

Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».


Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.


Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.


Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


кӕддӕр Хуыцауӕн чи нӕ басаст, уыдонӕн. Хуыцау сын быхста ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, цалынмӕ Ной нау арӕзта, уӕдмӕ. Уыцы науы ӕрмӕст цалдӕрӕй — аст адӕймаджы — фервӕзтысты доны фӕрцы.


Ӕмӕ, нӕ Бардарӕг бирӕ кӕй быхсы, уый нымайут фервӕзыны фадатыл; нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй уый тыххӕй фыста.


Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон кӕнын нӕ фӕнды.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan