28 Паддзах йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: „Паддзах Навуходоносор, байхъус! Дӕ паддзахдзинадӕн йӕ кӕрон ӕрцыд.
Ӕнӕхуыцӕуттыл, цӕмӕй тӕрсынц, уыдӕттӕ ’рцӕудзысты, рӕстудты бӕллицтӕ сӕххӕст уыдзысты.
Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?
Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.