Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:27
44 Iomraidhean Croise  

Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».


«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Сӕрыстырдзинадӕн йӕ фӕдыл цӕуы худинаг, сӕрныллӕгдзинадӕн — уӕлзонд.


Уырнындзинад ӕмӕ рӕстдзинад тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынц; Дунедарӕгӕй тас фыдбылызӕй бахизы.


Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.


Уымӕн ӕмӕ уый зӕгъы: «Мӕ хъомыс ӕмӕ мӕ зонды фӕрцы ӕз сарӕзтон ацы хъуыддӕгтӕ — ахӕм куырыхон дӕн, гъе! Бӕстӕтӕн фехалын сӕ арӕнтӕ, сӕ хӕзнадӕттӕ сын ныггаффутт кӕнын, сӕ паддзӕхты сын галау ныццӕвын ӕмӕ сӕ паддзахы бадӕнтӕй расхойын.


Фыдмитӕ кодтай ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕ, дзырдтай, ничи мӕ уыны, зӕгъгӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ дӕ зонындзинӕдтӕ фӕсайдтой, дӕ мидзӕрдӕйы, мӕнӕн ӕмбал нӕй, зӕгъгӕ, куы дзырдтай, уӕд.


Уӕдӕ Мӕм ныр ӕрбайхъус, буцахуыр, ӕнӕмӕт ӕхсин, афтӕ чи зӕгъы: „Мӕнӕн ӕмбал нӕй, ӕз идӕдзӕй никуы баззайдзынӕн, мӕ цот мӕ разӕй мӕрдтӕм нӕ бацӕудзысты“.


Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».


Йеремиа йын загъта: «Нӕ дӕ ратдзысты уыдоны къухтӕм, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Цы дын зӕгъын, уый бакӕн ӕмӕ ӕнӕмаст уыдзынӕ, удӕгасӕй баззайдзынӕ.


чи никӕй ӕфхӕры, йӕ хӕсджынӕн йӕ цъынды фӕстӕмӕ чи ратты, чи никӕй стигъы, йӕ къӕбӕрӕй ӕххормагӕн чи бахай кӕны ӕмӕ бӕгънӕгыл дарӕс чи скӕны,


Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


Мысыры зӕхх ӕдзӕрӕг тыгъд быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд Мысыры адӕм базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ды, фараон, афтӕ загътай, Нил мӕн у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?»


Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».


Зилгӕ уадау сӕ фӕндагыл алцы ныссӕрфынц, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнынц. Сӕ хъару — сӕ хуыцау.


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.


Уӕ тӕбӕгъы цы ис, уымӕй искӕмӕн куы фӕхай кӕнат, уӕд уын алцыдӕр уыдзӕни сыгъдӕг.


Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.


Мах зонӕм Бардарӕджы тас ӕмӕ ӕууӕндын кӕнӕм адӕмы. Цы стӕм, уый Хуыцауӕн зындгонд у; афтӕ ӕнхъӕл дӕн, ӕмӕ сымах дӕр мах тыххӕй алцыдӕр зонут.


Сӕрибармӕ хуынд стут, ӕфсымӕртӕ; ӕрмӕст уӕ сӕрибар ма асайӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгтӕ ӕфсадынмӕ, фӕлӕ, кӕрӕдзийы уарзгӕйӕ, уӕ иу иннӕмӕн лӕггад кӕнӕд.


Удӕн та йӕ дыргътӕ сты: уарзондзинад, циндзинад, фарн, бирӕбыхст, зӕрдӕхӕлардзинад, рӕдаудзинад, иузӕрдиондзинад,


Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.


Чи давта, уый мауал давӕд, уый бӕсты кусӕд, йӕхи къухтӕй пайдайаг хъуыддӕгтӕ кӕнӕд, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр.


Хурныгуылды размӕ йыл сӕмбӕлын кӕн йӕ цъынды, цӕмӕй, йӕ уӕлӕфтауӕй йӕхи ӕрӕмбӕрзгӕйӕ, бафынӕй кӕна ӕмӕ дын арфӕ ракӕна. Уый дын раст хъуыддагыл нымад уыдзӕн Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз.


фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.


Афтӕ ма ’нхъӕлут, ӕмӕ уӕхи уды фыдӕбон ӕмӕ уӕхи хъаруйӕ самал кодтат ӕппӕт ацы мулк.


Фыццаджыдӕр кӕрӕдзийы уарзут зӕрдиагӕй, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan