26 Дыууадӕс мӕйы фӕстӕ паддзах Вавилоны йӕ галуаны рацӕйцыд
Уӕларвон Хуыцауӕй хорзӕх курӕнт, цӕмӕй сын фыны сусӕгдзинад раргом кӕна ӕмӕ сӕ Вавилоны иннӕ куырыхонтимӕ ма амарой.
Уыцы ӕхсӕв Даниил федта цӕстылуайӕн, ӕмӕ йын сусӕгдзинад раргом чындӕуыд. Даниил Хуыцауӕн арфӕ ракодта:
Паддзах! Ды дӕ паддзӕхты паддзах! Уӕларвон Хуыцау дӕ скодта паддзахад, хъомыс, тых ӕмӕ кады аккаг,
Гъе, ахӕм фын федтон ӕз. Уӕдӕ мын ныр, Белтешацар, дӕ хорзӕхӕй, бамбарын кӕн, цы амоны, уый. Мӕ паддзахады куырыхонтӕй иуӕн дӕр, цы амоны, уый зӕгъын йӕ бон не сси, фӕлӕ ды хайджын дӕ Хуыцауы Удӕй, ӕмӕ йӕ дӕ бон бамбарын кӕнын суыдзӕн“.
Бӕласы бындзӕфхад йӕ бынаты кӕй баззад, уый та амоны: дӕ паддзахады та ногӕй паддзахиуӕг кӕндзынӕ, ӕгас дунейы хицау Иууылбӕрзонд кӕй у, уый куы бамбарай, уӕд.
Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕз, Навуходоносор, арвмӕ скастӕн, ӕмӕ мӕ зонд мӕхимӕ ’рцыди. Уӕд арфӕ ракодтон Иууылбӕрзондӕн, Ӕнусмӕ Цӕрӕгӕн скад кодтон. Уый паддзахиуӕг кӕны фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ, мыггагӕй-мыггагмӕ.
Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.
Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.
Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд сӕм диссаг фӕкаст ӕмӕ дзырдтой: «Легъуи бӕлас уайтагъд куыд бахус ис?»
Ӕз та уын зӕгъын: сомы ма кӕнут ӕппындӕр — нӕдӕр арвӕй, уымӕн ӕмӕ уый Хуыцауы бадӕн у;
Сыстон, фӕцӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: ‚Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы
Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.