Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:22
18 Iomraidhean Croise  

Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».


Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.


Натан Давидӕн загъта: «Уыцы лӕг ды дӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Израилӕн дӕ паддзахӕй Ӕз байсӕрстон. Фервӕзын дӕ кодтон Саулы къухӕй,


Уым царди Дунедарӕджы пехуымпар Одед. Израилы ӕфсад Самаримӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд Одед сӕ размӕ рацыд ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, иудейӕгтӕм смӕсты ис ӕмӕ уын сӕ уӕ къухтӕм радта. Фӕлӕ сӕ сымах ахӕм ӕнауӕрдонӕй фӕцагътат, ӕмӕ уӕ маст уӕларвмӕ дӕр схӕццӕ ис.


Мӕ уарзты тыххӕй сын ӕнӕуынон сдӕн, ӕз та кувын.


Дӕ царды фӕндаг Дунедарӕджы бар бакӕн, дӕ зӕрдӕ Йыл дар, ӕмӕ дын Уый дӕ алы хъуыддаг дӕр сараздзӕн:


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта.


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


ӕмӕ хъӕрӕй загъта: ‚Акалут бӕлас, йӕ къалиутӕ йын акъуырут, йӕ сыфтӕртӕ йын ныццӕгъдут, йӕ дыргътӕ йын ныппырх кӕнут фӕйнӕрдӕм! Уадз ӕмӕ сырдтӕ йӕ бынӕй алидзой ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиутӕй атӕхой.


Мӕ паддзах, ахӕм хуызы дын ӕвдыст ӕрцыд Иууылбӕрзонды тӕрхон.


Ды адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, сырдтимӕ цӕрдзынӕ ӕмӕ галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд. Уый паддзахы бынаты сӕвӕры ӕрмӕстдӕр Йӕхи кӕй бафӕнды, уыдоны“.


Уымӕн ӕмӕ йын Иоанн дзырдта: «Нӕ дын ӕмбӕлы йемӕ цӕрын».


Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan