Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Паддзах, ды федтай Уаз Хъахъхъӕнӕджы арвӕй ӕрцӕйцӕугӕ. Уый загъта: ‚Бӕлас акалут, йӕ кой дӕр мауал баззайӕд. Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, кӕрдӕджыты ’хсӕн, ныууадзут, ӕфсӕйнаг ӕмӕ йӕ ӕрхуы рӕхыстӕй сбӕттут. Уадз ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхса ӕмӕ сырдтимӕ быдыры цӕра, цалынмӕ авд азы рацӕуа, уӕдмӕ‘.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:20
4 Iomraidhean Croise  

Мӕрдтыбӕстӕм ӕй куы ныппӕрстон, ингӕнтӕм чи ныххызти, уыдонмӕ, уӕд йӕ афӕлдӕхты уынӕрӕй нынкъуысыдысты адӕмтӕ, дӕлдзӕхы та ныццин кодтой Едемы ӕппӕт бӕлӕстӕ, стӕй Ливаны кӕддӕры донӕфсӕст ӕвзаргӕ бӕлӕстӕ иууылдӕр.


Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.


Мӕ паддзах, ахӕм хуызы дын ӕвдыст ӕрцыд Иууылбӕрзонды тӕрхон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan