Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Йӕ сыфтӕр уыдис алӕмӕты рӕсугъд, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты, ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕфсӕста. Йӕ быны цардысты сырдтӕ, ӕмӕ мӕргътӕ йӕ къалиуты ’хсӕн ахстӕттӕ кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:18
14 Iomraidhean Croise  

Йосеф ын загъта: «Мӕнӕ дӕ фын. Ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны.


Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


ӕгас дунейы дӕ адӕм, зӕххон сырдтӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕн хицау скодта. Сыгъзӕрин сӕр ды дӕ!


Уыдон ын ногӕй загътой: «Паддзах, мах дӕ цагъартӕ стӕм. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын уӕд, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


Цӕмӕй ацы фыст бакӕсой ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый зӕгъой, уый тыххӕй мӕм ӕрбакодтой Вавилоны ӕппӕт куырыхонты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты, фӕлӕ мын ӕй сӕ бон бамбарын кӕнын не сси.


Паддзахы куырыхонтӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ фыст бакӕсын ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый паддзахӕн радзурын сӕ иуы бон дӕр нӕ баци.


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan