Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил иу цасдӕр фыр дисӕй ницыуал сдзырдта. Фыр тӕссӕй хъуыдыты аныгъуылди. Уӕд ын паддзах загъта: „Белтешацар! Мӕ фын цӕмӕфӕнды рацӕуӕд, тӕрсгӕ ма кӕн“. Белтешацар ын дзуапп радта: „Мӕ хицау! Ахӕм фын дӕ фыдгултӕ фенӕнт, ӕмӕ уыцы фыдбылызтӕ уыдоныл ӕрцӕуӕнт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:16
13 Iomraidhean Croise  

Паддзах ӕй бафарста: «Авессалом дӕр дзӕбӕх у?» Эфиопаг дзуапп радта: «Мӕ бардарӕджы, паддзахы фыдгултӕй дӕ ныхмӕ чи рацӕуы, уыдонӕй алчидӕр уыцы лӕппуйау фӕуӕд!»


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Уымӕн ӕмӕ цӕгаты паддзах ногӕй, раздӕр ӕм чи уыд, уымӕй фылдӕр ӕфсад ӕрӕмбырд кӕндзӕн ӕмӕ цалдӕр азы фӕстӕ стыр ӕмӕ гӕрзифтонг тыхтимӕ хуссары паддзахмӕ бабырсдзӕн.


Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».


Бӕласы бындзӕфхад йӕ бынаты кӕй баззад, уый та амоны: дӕ паддзахады та ногӕй паддзахиуӕг кӕндзынӕ, ӕгас дунейы хицау Иууылбӕрзонд кӕй у, уый куы бамбарай, уӕд.


Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Ууыл фӕци ныхас. Ӕз, Даниил, стыр тасы бацыдтӕн, хуызы цъыртт мӕ нал баззад, фӕлӕ, цыдӕриддӕр фехъуыстон, уыдон мӕ зӕрдӕйы арф бавӕрдтон».


Уыдонӕн ӕрцӕудзӕни кӕрон, Ды та уыдзынӕ мыггагмӕ. Уыдон алӕзӕрдзысты пӕлӕзау,


Уӕд сылгоймагӕн лӕвӕрд ӕрцыд стыр цӕргӕсы дыууӕ базыры, ӕдзӕрӕг быдыры йын цы бынат уыди, уырдӕм калмӕй бамбӕхсыны тыххӕй атӕхынӕн, цӕмӕй йын уым лӕггад кӕной рӕстӕджы, рӕстӕджыты ӕмӕ рӕстӕджы ӕмбисы дӕргъы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan