Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:14
19 Iomraidhean Croise  

Цы хуылфӕй рацыд, уымӕй — рох, уаллӕттӕн хӕрзад хойраг суыдзӕн; хъуыды дӕр ӕй ничиуал ӕркӕндзӕн, бӕласау калд ӕрцӕудзӕни фыддзинад.


Ӕз Мӕ хъомысы фӕрцы Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон зӕхх, адӕм ӕмӕ цӕрӕгойты, ӕмӕ Ӕз ацы зӕхх, кӕмӕн Мӕ фӕнды, уымӕн ратдзынӕн.


Лидзгӕут Вавилонӕй! Фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ, цӕмӕй сымах дӕр йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы мастисӕн рӕстӕг ралӕууыд, ӕмӕ Вавилонӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзӕн.


«Вавилонӕн нӕ хостӕ ницы баххуыс сты». «Ныууадзӕм ӕй, ӕмӕ алчидӕр йӕхи зӕхмӕ аздӕхӕд. Уымӕн ӕмӕ йӕ азар сӕххӕссыд уӕларвмӕ, ӕврӕгъты онг схӕццӕ ис».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал,


Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй.


Уӕд фидиуӕг ныхъхъӕр кодта: «Байхъусут, дунейы адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ!


Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,


Бӕласы бындзӕфхад йӕ бынаты кӕй баззад, уый та амоны: дӕ паддзахады та ногӕй паддзахиуӕг кӕндзынӕ, ӕгас дунейы хицау Иууылбӕрзонд кӕй у, уый куы бамбарай, уӕд.


Ды адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, сырдтимӕ цӕрдзынӕ ӕмӕ галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд. Уый паддзахы бынаты сӕвӕры ӕрмӕстдӕр Йӕхи кӕй бафӕнды, уыдоны“.


Фӕлӕ хъал ӕмӕ сӕрыстыр кӕй сси, уый тыххӕй йӕ паддзахы бынатӕй фӕхауди ӕмӕ йӕ кадӕй ӕнӕхай фӕци.


Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, сырды сӕрызонд ын лӕвӕрд ӕрцыд, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ царди. Галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕ дойны саста, цалынмӕ бамбӕрста: адӕймаджы паддзахадӕн йӕ хицау у Иууылбӕрзонд Хуыцау ӕмӕ паддзахы бынат ратты, Йӕхи кӕмӕн бафӕнды, уыдонӕн.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц.


Фӕрӕт ныридӕгӕн бӕласы рӕбын цӕттӕйӕ лӕууы: йӕ дыргъ цы бӕласӕн нӕ фӕбӕззы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц».


ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд фембухы, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд ын дзуапп радтой авд ӕрвнӕрды.


Уый хъӕрӕй загъта: «Бабын ис, бабын стыр Вавилон ӕмӕ сси дӕлимонтӕн цӕрӕнуат, алы ӕнӕзӕгъинагӕн, алы чъизи ӕмӕ ӕлгъаг маргъӕн фысымуат. Уымӕн ӕмӕ йӕ хъахбайдзинады тыххӕй Хуыцауы фыдӕх баййӕфта ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн бадардта уыцы фыдӕхы сӕнӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan