Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 4:12
13 Iomraidhean Croise  

Адӕмты бардартӕн байсы сӕ зонд, ӕдзӕрӕг быдыры, фӕндаг кӕм нӕй, уым сӕ схӕтӕнхуаг кӕны,


Бӕласы дӕр ма йӕ фидӕнӕй ныфс и: акалӕнт ӕй — йӕ бындзӕфхад ногӕй ӕвзар суадздзӕн.


уӕд дӕр, доны хъӕстӕ фӕци, зӕгъгӕ, ногӕй ӕвзартӕ суадздзӕн ӕмӕ ӕвзонг талайау рӕзынмӕ фӕуыдзӕн.


Дунедарӕджы байсӕрст паддзах — нӕ царды комулӕфт — къӕппӕджы куы бахауди! Дзырдтам-иу: «Адӕмты ’хсӕн йемӕ нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».


Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ.


Уымӕн ӕмӕ йӕ цӕдисонтӕ, йӕ аууоны чи цард адӕмты ’хсӕн, уыдон дӕр йемӕ ныххызтысты мӕрдтыбӕстӕм, карды амӕттаг чи баци, уыдонмӕ.


Афтӕ рацӕудзӕнис авд азы. Ахӕм у Уаз Хъахъхъӕнджыты уынаффӕ, уый сӕ тӕрхон у. Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ хъуамӕ базоной: зӕххон паддзахӕдтӕн ис иунӕг хицау — Иууылбӕрзонд! Кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн сӕ ратты, адӕмӕн сӕ ныллӕгдӕры паддзахы бынатмӕ сисы‘.


Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц».


Уыцы бон кӕнӕ уыцы сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны.


Куы йӕ байтауынц ӕмӕ куы сзайы, уӕд та цӕхӕрадоны зайӕгойтӕн се ’ппӕты сӕрты акӕсы, йе стыр къабузты аууоны уӕларвон мӕргътӕн сӕ бон вӕййы ахстӕттӕ скӕнын».


Уый у, адӕймаг йӕ цӕхӕрадоны кӕй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нӕмыгау. Тау суагъта нӕмыг, сбӕлас ис, ӕмӕ йын уӕларвон мӕргътӕ йӕ къалиутыл ахстӕттӕ скодтой».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan