Фӕлӕ ӕрмӕст Мардохейы бафхӕрын йӕхицӕн ӕгадыл банымадта. Мардохей иудейаг у, уый йын куы загътой, уӕд сфӕнд кодта ӕппӕт дзуттӕгты дӕр фесафын. Хъуамӕ, Ксерксы паддзахады цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътаид. Бон ӕмӕ мӕй снысан кӕныны тыххӕй та Аман, Ксерксы паддзахиуӕгӕн йӕ дыууадӕсӕм азы фыццаг мӕй, нисаны, пур (ома хӕлттӕ) сӕппарын кодта, ӕмӕ дыууадӕсӕм мӕйы — адары — хал схауди.