Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:29
17 Iomraidhean Croise  

Баалы гуымиры ныппырх кодтой, йӕ кувӕндон ын фехӕлдтой ӕмӕ дзы уазӕгдон сарӕзтой. Ныронг дӕр афтӕмӕй баззади.


Ӕз уын зӕгъын: мӕ бардзырды ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уымӕн йӕ хӕдзарӕй хъайван рафтаудзысты, зӕххы йӕ ныссадздзысты ӕмӕ йӕ уыцы хъайваныл зӕгӕлтӕй ныххойдзысты. Йӕ хӕдзарӕй та йын бырондон скӕндзысты.


Рахӕц мӕ сӕрыл, Дунедарӕг! Фервӕзын мӕ кӕн, мӕ Хуыцау! Мӕ фыдгултӕн се ’фсӕртӕ ныссӕтт, базгъал фыдгӕнджытӕн сӕ дӕндӕгтӕ!


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Паддзах семӕ фӕныхас кодта, ӕмӕ лӕппутӕй Даниил, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариаимӕ абарӕн дӕр никӕй уыд. Уыйадыл паддзахӕн лӕггад кӕнын райдыдтой.


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Даниил ӕрбацыди йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариайӕн, хабар бамбарын кодта:


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.


Паддзах халдейӕгтӕн загъта: «Мӕ ныхасӕн ивӕн нӕй! Мӕ фын цы амоны, уый мын куынӕ зӕгъат, уӕд уӕ уӕнггай скӕндзысты, уӕ хӕдзӕрттӕ та уын хӕлддзӕгты кӕритӕ фестын кӕндзысты!


Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц».


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.


Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.


Дарий ӕмӕ персайнаг паддзах Киры заман дӕр Даниил паддзахады ахста зынгӕ бынат, царди фӕрнӕйдзагӕй.


Сӕ хъахъхъӕнӕг нӕ Хъахъхъӕнӕджы хуызӕн кӕй нӕу, уымӕн не знӕгтӕ сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan