Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Ӕрбамбырд сты паддзахы барджынтӕ, йӕ уллутӕ ӕмӕ уынаффӕйы лӕгтӕ. Кӕсынц, ӕмӕ ӕртӕ дзуттаджы сӕрӕгасӕй лӕууынц, сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ сӕ дарӕс — ӕнӕхъӕн, сыгъды смаг дӕр нӕ кӕнынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:27
17 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ лӕг араст ӕмӕ фӕндагыл ссардта марды, йӕ цуры лӕууыдысты хӕрӕг ӕмӕ домбай. Домбай марды дӕр нӕ бахордта, хӕрӕджы дӕр нӕ аргӕвста.


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Доны сӕрты ахизын уӕ куы хъӕуа, уӕд уыдзынӕн уемӕ, цӕугӕдӕтты сӕрты куы хизат, уӕд нӕ фӕдӕлдон уыдзыстут. Арты сӕрты хизгӕйӕ, уӕхи басудздзыстут ӕмӕ уӕ арт нӕ ацараудзӕн.


Лӕгты, куыд уыдысты, афтӕмӕй — салбартӕ, худтӕ ӕмӕ пӕлӕзты — сбастой ӕмӕ сӕ пецы цырен арты баппӕрстой.


Уӕд паддзахы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Даниилы хъоргъӕй сисын кодта. Куы йӕ систой, уӕд ыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уыдис иузӕрдион йӕ Хуыцауыл.


Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд.


Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй зоны, ӕз ныфсджынӕй кӕй разы дзурын, уыцы паддзах. Мӕн нӕ уырны, ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕй исты басусӕг уа паддзахӕй, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕ фӕскъуым не ’рцыдысты.


Уымӕ гӕсгӕ уӕм хатын, цӕмӕй бахӕрат — уый ахъаз уыдзӕни уӕ фервӕзынӕн. Иу ӕрду дӕр уӕ никӕй сӕрӕй фӕхъӕудзӕн».


пиллон арт-иу бамынӕг кодтой, карды комӕй-иу аирвӕзтысты, уыдысты лӕмӕгъ ӕмӕ-иу сӕм хъару фӕзынди. Хӕсты уыдысты тыхджын, лидзӕг-иу фӕкодтой ӕндӕрбӕстӕгты ӕфсӕдтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan