21 Лӕгты, куыд уыдысты, афтӕмӕй — салбартӕ, худтӕ ӕмӕ пӕлӕзты — сбастой ӕмӕ сӕ пецы цырен арты баппӕрстой.
Йосефы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта. Афтӕмӕй Йосеф бахаудта ахӕстонмӕ.
Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“
Йе ’фсады гуыппырсартӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы сбӕттой ӕмӕ сӕ пецы баппарой.
Ӕрбамбырд сты паддзахы барджынтӕ, йӕ уллутӕ ӕмӕ уынаффӕйы лӕгтӕ. Кӕсынц, ӕмӕ ӕртӕ дзуттаджы сӕрӕгасӕй лӕууынц, сӕ сӕрыхъуынтӕ ӕмӕ сӕ дарӕс — ӕнӕхъӕн, сыгъды смаг дӕр нӕ кӕнынц.
Чи нӕ бакува, уый та уайсахат пецы цырен арты баппардзысты!»
ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс.