Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:19
26 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Йаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм кӕй нал кӕсы, уый.


Аман куы федта, Мардохей йӕ разы нӕ зоныгыл кӕны ӕмӕ зӕххыл нӕ ныддӕлгом вӕййы, уый, уӕд фыр мӕстӕй рафыхти.


Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой.


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Паддзахы маст — мӕлӕты уацхӕссӕг, фӕлӕ йӕ куырыхон басабыр кӕны.


Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.


Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».


Уыцы ныхӕстӕм паддзах фыр мӕстӕй тӕгӕлтӕ хаудта ӕмӕ бардзырд радта, Вавилоны куырыхонты иууылдӕр ныццӕгъдут, зӕгъгӕ.


Навуходоносор уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис ӕмӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы йӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта. Йӕ размӕ куы ӕрлӕууыдысты,


Йе ’фсады гуыппырсартӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы сбӕттой ӕмӕ сӕ пецы баппарой.


уӕд йӕ хуыз фӕцыди, ризӕг ыл бахӕцыд фыр тӕссӕй ӕмӕ йӕ уӕнгтӕ адон сты.


Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.


Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд.


Уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, синедрионы уӕнгтӕ мӕстӕй тъӕппытӕ хаудтой ӕмӕ йӕм сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan