Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Кӕд нӕ, уӕддӕр зон: мах дӕ хуыцӕуттӕн лӕггад нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕй саразын кодтай, уыцы гуымирымӕ нӕ бакувдзыстӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:18
20 Iomraidhean Croise  

Уый Йын дзуапп радта: «Ӕз Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕраппонд, удуӕлдай куыст кодтон, фӕлӕ Израилы адӕм фехӕлдтой, семӕ цы фидыд сарӕзтай, уый, ныппырх Дын кодтой Дӕ нывондхӕссӕнтӕ, Дӕ пехуымпарты та Дын карды амӕттаг бакодтой. Иунӕгӕй баззадтӕн, ӕмӕ мӕ фӕдыл дӕр бафтыдысты, марынвӕнд мӕ скодтой».


Ӕцӕг, Израилы адӕмӕй авд мин лӕджы ныууадздзынӕн сӕрӕгасӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй ничи ӕрзоныг кодта Баалы раз, ничи йын аба кодта йӕ гуымирыйӕн».


Мары мӕ — уӕддӕр Ыл мӕ зӕрдӕ дардзынӕн, мӕ рӕстдзинадыл дзурдзынӕн Йӕ разы,


Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.


Уӕд Навуходоносор загъта: «Арфӕгонд уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцау! Уый рарвыста йӕ зӕды ӕмӕ фервӕзын кодта йӕ цагъарты. Уыдон сӕ зӕрдӕ дардтой сӕ Хуыцауыл, паддзахы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ сӕхи судзынмӕ радтой, цӕмӕй сӕхи Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм ма кувой ӕмӕ сын ма лӕггад кӕной.


Гуымирытӕм уе ’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.


Ма тӕрсут, буар чи мары, фӕлӕ уд амарын кӕй бон нӕу, уыдонӕй. Тӕрсут, уд дӕр ӕмӕ буар дӕр зындоны фесафын Кӕй бон у, Уымӕй.


Йӕ цард чи бахъахъхъӕна, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ ссардзӕни.


Йесо сын дзуапп радта: «Изӕрӕй сымах фӕзӕгъут: „Боныхъӕд хорз уыдзӕн — арв сырх у“.


Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?


ӕмӕ тӕригъӕдджын цинтӕй хи ирхӕфсыны бӕсты хуыздӕрыл банымадта Хуыцауы адӕмимӕ тухӕнтӕ ӕвзарын.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


Уыдон ыл фӕуӕлахиз сты Уӕрыччы тугӕй, се ’вдисӕнады ныхасӕй, кастысты мӕлӕты дзыхмӕ, фӕлӕ сӕ цард ӕвгъау нӕ кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan