17 Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.
Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!
Дунедарӕджы бон цы нӕу? Нысангонд рӕстӕджы дӕм ногӕй ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ Саррӕйӕн уыдзӕни лӕппу».
Хъусӕй куы лӕууа, уӕд ӕй азымы чи бадардзӕн? Йӕ цӕсгом куы бамбӕхса, уӕд Ӕй фенын кӕй бон суыдзӕн? Уый ӕппӕт адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу адӕймагмӕ дӕр хауы,
Ӕхсӕз бӕллӕхӕй дӕ бахиздзӕн, ӕвдӕм дӕм хӕстӕг не ’рбацӕудзӕн.
Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз?
Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ.
Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»
«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.
Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн».
Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
— Ӕз дӕ фыдгӕнджытӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕнауӕрдонты къухтӕй дӕ ратондзынӕн».
Пецы пиллон арт сыгъди, фӕлӕ йын Навуходоносор йӕ дуармӕ хӕстӕг бацыди ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, Стыр Хуыцауы цагъартӕ! Рахизут уырдыгӕй!» Уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него артӕй рахызтысты.
Уӕд паддзах Даниилы ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Даниилӕн та загъта: «Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ Йӕхӕдӕг фервӕзын кӕнӕд!»
Уӕд паддзахы цинӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ Даниилы хъоргъӕй сисын кодта. Куы йӕ систой, уӕд ыл иу цъӕррӕмыхст дӕр нӕ разынд, уымӕн ӕмӕ уыдис иузӕрдион йӕ Хуыцауыл.
Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».
Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн».
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?
Мах кастыстӕм мӕлӕты дзыхмӕ, ӕмӕ нӕ дзы Хуыцау бахызта. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, Уый та нӕ ногӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕни,
Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.
Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».
Абон дӕ Дунедарӕг мӕ къухмӕ дӕтты. Амардзынӕн дӕ, дӕ сӕр дын ракӕндзынӕн ӕмӕ дӕ мард дӕр ӕмӕ филистимаг ӕфсады мӕрдтӕ дӕр тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн ратдзынӕн. Уадз ӕмӕ ӕппӕт дуне дӕр базона, Израилӕн Хуыцау кӕй ис, уый.