Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Навуходоносор уый куы фехъуыста, уӕд смӕсты ис ӕмӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы йӕ размӕ ӕрбакӕнын кодта. Йӕ размӕ куы ӕрлӕууыдысты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:13
15 Iomraidhean Croise  

Каины кувинӕгтӕ та нӕ айста. Ӕмӕ йӕ туг рафыхти Каинӕн, йӕ сӕр ӕруагъта фыр мӕстӕй.


Зондцухыл, йе ’дылы зонд куы рафыцы, уыцы рӕстӕг сӕмбӕлыны бӕсты фӕлтау, йӕ лӕппынты кӕмӕн амардтой, ахӕм арсыл сӕмбӕл.


Дур уӕззау у, змис дӕр рог нӕу, фӕлӕ зондцухы митӕ — ноджы уӕззаудӕр.


Мӕстыгӕр загъд къахы, загъдӕргом йӕ тӕригъӕдтӕ сбирӕ кӕны.


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Уыцы ныхӕстӕм паддзах фыр мӕстӕй тӕгӕлтӕ хаудта ӕмӕ бардзырд радта, Вавилоны куырыхонты иууылдӕр ныццӕгъдут, зӕгъгӕ.


Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта.


Мӕн тыххӕй уӕ хицӕуттӕм ӕмӕ паддзӕхтӕм кӕндзысты, цӕмӕй Мын уыдон ӕмӕ муртаттӕгты раз уат ӕвдисӕнтӕ.


Фӕлӕ сымах уӕхи цӕттӕ дарут: синагогӕты уын тӕрхон кӕндзысты ӕмӕ уӕ уым нӕмдзысты; ӕвдисӕн Мын лӕудзыстут хицӕуттӕ ӕмӕ паддзӕхты раз.


Фӕлӕ уӕ ӕппӕт уыдӕтты размӕ райдайдзысты ахсын ӕмӕ ӕфхӕрын, синагогӕты уын тӕрхон хӕсдзысты ӕмӕ уӕ ахӕстӕттӕм кӕндзысты. Мӕ номы тыххӕй-иу сымах паддзӕхты ӕмӕ бӕстыхицӕутты раз ӕрлӕууын кӕндзысты.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.


Цалдӕр боны фӕстӕ Феликс ӕрбацыд йӕ ус Друзиллӕимӕ (уый уыди дзуттаг). Феликс ӕрбакӕнын кодта Павелы ӕмӕ хъуыста, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны тыххӕй цы дзырдта, уымӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan