Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уӕдӕ Вавилоны хъуыддӕгтӕ кӕмӕн бабар кодтай, уыцы дзуттӕгтӕ, Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, дӕу, паддзах, ницӕмӕ дарынц! Дӕ хуыцӕуттӕн дын табу нӕ кӕнынц, стӕй, кӕй саразын кодтай, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ нӕ кувынц ӕмӕ йын нӕ лӕггад кӕнынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:12
15 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл Аман паддзах Ксерксӕн загъта: «Иу адӕмыхатт ис, дӕ бӕстӕйы алы кӕрӕтты иннӕ адӕмты ’хсӕн чи ныппырх ис. Се ’гъдӕуттӕ уыдонӕн бынтон ӕндӕр сты, стӕй уыдон паддзахы уынаффӕтӕ дӕр не ’ххӕст кӕнынц. Паддзах та сын уыцы бар хъуамӕ ма дӕтта. Кӕд паддзахӕн фӕндон у — сӕ ныццӕгъдыны уынаффӕ рахӕссӕд, ӕмӕ уӕд ӕз къазнадартӕн дӕс мин таланты ӕвзист ратдзынӕн, ӕмӕ сӕ паддзахы къазнамӕ бафтаудзысты».


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Ноджы ма федтон: адӕм кусынц ӕмӕ истӕуыл архайынц, кӕрӕдзимӕ хӕлӕг кӕй кӕнынц, уымӕн. Фӕлӕ уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.


чи нӕ ныддӕлгом уа ӕмӕ чи нӕ бакува, уыдон та пецы пиллон артмӕ ӕппӕрст куыд ӕрцӕуой.


Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм.


Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!»


Уый фӕстӕ паддзах Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Вавилоны бӕстӕйы ноджы уӕлдӕр систа.


Уыдон Дарийӕн загътой: «Паддзах, Иудейы бӕстӕй кӕй ӕрбакодтой, уыцы адӕмӕй иу, Даниил, дӕхи дӕр ӕмӕ дын дӕ бардзырд дӕр ницӕмӕ дары, бон ӕртӕ хатты кувы йӕ Хуыцаумӕ».


Паддзах уый куы фехъуыста, уӕд катайы бацыд ӕмӕ хурныгуылдмӕ Даниилы фервӕзын кӕныныл архайдта.


Йасон сӕ суазӕг кодта. Уыдон халынц кесӕры уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ дзурынц, зӕгъгӕ, ис ӕндӕр паддзах — Йесо».


«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan