Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ, куыддӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ райхъуыстаид, афтӕ алчидӕр хъуамӕ зӕххыл ныддӕлгом уыдаид ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирымӕ бакуывтаид,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 3:10
24 Iomraidhean Croise  

Давид левитты хистӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зарӕггӕнджытӕ сӕвӕрой се ’рвадӕлтӕй, уа сӕм алы цӕгъдӕнтӕ: дыууадӕстӕнонтӕ, хъисфӕндыртӕ, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕ, ӕмӕ дардыл азӕлой цины зарджытӕ.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


Езекиа левиттӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндыртимӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрлӕууой. Уыцы фӕтк сӕ заманы ӕрфидар кодтой паддзах Давид, йӕ зонынджын Гад ӕмӕ йӕ пехуымпар Натан, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг йӕ пехуымпартӕн афтӕ бафӕдзӕхста.


ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».


Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».


Алы ран дӕр зӕххыл иу хъуыддаг уыдтон: рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым — фыдракӕнд, рӕстады бынаты дӕр афтӕ.


Додой сӕ къона, галиу ӕгъдӕуттӕ чи сфидар кӕны, фыдбылызы уынаффӕтӕ чи хӕссы,


чи нӕ ныддӕлгом уа ӕмӕ чи нӕ бакува, уыдон та пецы пиллон артмӕ ӕппӕрст куыд ӕрцӕуой.


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Ӕмӕ уӕд паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ бардзырд ӕрлӕууын кодтой йӕ зӕрдыл: «Паддзах, ды дӕхи къухӕй сфидар кодтай дӕ бардзырд: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ кӕнӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр чи скува, уый хъуамӕ домбӕйтты хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕуа». Паддзах сын дзуапп радта: «Мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ фидар у уыцы бардзырд дӕр».


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та бардзырд радтой: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan