Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыдон ын ногӕй загътой: «Паддзах, мах дӕ цагъартӕ стӕм. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын уӕд, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:7
5 Iomraidhean Croise  

Дӕ паддзах дӕм куы смӕсты уа, уӕд дӕ куыстӕй ма алидз; сӕрныллӕгӕн бирӕ рӕдыдтӕ ныххатыр кӕнынц.


Халдейаг куырыхонтӕ паддзахӕн дзуапп радтой арамейаг ӕвзагыл: «Паддзах, бирӕ азты нын дзӕбӕхӕй цӕр! Мах стӕм дӕ цагъартӕ. Радзур нын дӕ фын, ӕмӕ дын, цы амоны, уый зӕгъдзыстӕм».


Паддзах сын загъта: «Ныр ӕз бамбӕрстон, фӕдфӕливӕнтӕ кӕй кӕнут, уый. Мӕ бардзырд нӕ аивдзынӕн, уый уынут ӕмӕ зонут: мӕ фын мын куынӕ райхалат, уӕд уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕрмӕстдӕр иу тӕрхон! Баныхас кодтат ӕмӕ мын гӕды ныхӕстӕ кӕнут, ома кӕд исты хуызы фервӕзиккам. Радзурут мын мӕ фын, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕн, уӕ бон ӕй райхалын кӕй у, уый!»


Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan