Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Фӕлӕ мын мӕ фын куы радзурат ӕмӕ мын, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъат, уӕд уын хӕрзиуджытӕ ратдзынӕн ӕмӕ уын стыр кад скӕндзынӕн. Мӕ фын цы амоны, уый мын зӕгъут!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:6
8 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Паддзах хъӕрӕй бардзырд радта, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ иннӕ халдейаг куырыхонтӕм фӕдзурут, зӕгъгӕ. Паддзах Вавилоны куырыхонтӕн загъта: «Ацы фыст мын чи бакӕса ӕмӕ йӕ чи бамбарын кӕна, уый сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, йӕ хъуырыл ын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады нымад уыдзӕн ӕртыккаг хицауыл».


Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“».


Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?»


Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.


Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan