Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

49 Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:49
12 Iomraidhean Croise  

Дыккаг хатт куы фӕсидтысты чызджытӕм, уӕд Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз бадти.


Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз куы бадти, уӕд паддзахы дӕлдӕртӕ, йӕ дуаргӕстӕ Бигтан ӕмӕ Тереш, паддзах Ксерксы ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзтой, цӕмӕй йӕ амарой.


Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди.


Рӕстуды цинӕй алкӕй зӕрдӕ райы; ӕнӕхуыцау бӕрзонд бынатмӕ куы схизы, уӕд та адӕм ӕмбӕхсгӕ бакӕнынц.


Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Лӕггадгӕнджыты хистӕр сыл ӕндӕр нӕмттӕ сӕвӕрдта: Даниилыл — Белтешацар, Хананиайыл — Шадрах, Мишаелыл — Мешах, Азариайыл — Авед-Него.


Даниил ӕрбацыди йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн, Хананиа, Мишаел ӕмӕ Азариайӕн, хабар бамбарын кодта:


Паддзах Навуходоносор саразын кодта сыгъзӕрин гуымиры. Йӕ бӕрзӕнд уыди ӕхсай ӕлмӕрины, йӕ уӕрх та — ӕхсӕз ӕлмӕрины. Сӕвӕрын ӕй кодта Вавилоны бӕстӕйы, Дурайы дӕлвӕзы.


ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил.


Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan