Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 Уӕд паддзах Навуходоносор Даниилы раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй йӕ хуынтӕй сбуц кӕной, йӕ номыл ын буд ссудзой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:46
12 Iomraidhean Croise  

Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.


Куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ бакувут, паддзах Навуходоносор кӕй саразын кодта, уыцы сыгъзӕрин гуымирымӕ.


Ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ куыддӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъуыстой, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом сты ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирымӕ бакуывтой.


Куы мӕм ӕрбахӕстӕг, уӕд фыр тӕссӕй зӕххыл ныддӕлгом дӕн. Уый мын загъта: «Адӕймаджы фырт, бамбар: цы федтай, уыдӕттӕ рӕстӕджы кӕронмӕ хауынц».


Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг.


Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнелий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи Петры къӕхтӕм ӕрӕппӕрста.


Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ ӕмӕ ӕрбахаста дидинӕгбыдтӕ, йӕ зӕрды уыди нывонд ӕрхӕссын адӕмимӕ.


Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты, Павел ныррӕсидзӕн кӕнӕ дзыхъмард фӕуыдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ бирӕ куы фенхъӕлмӕ кастысты ӕмӕ йын калм кӕй ницы разиан кодта, уый куы федтой, уӕд ӕм ракастысты ӕндӕр цӕстӕй ӕмӕ загътой, уый хуыцау у, зӕгъгӕ.


Хуыцауы раз сӕ паддзахы бадӕнты бадӕг цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ныддӕлгом сты зӕххыл ӕмӕ скуывтой Хуыцаумӕ:


Ӕз зӕдӕн йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудтӕн, цӕмӕй йӕм бакувон. Фӕлӕ мын уый загъта: «Афтӕ ма бакӕн; ӕз дӕу, стӕй Йесойӕн ӕвдисӕн чи у, дӕ уыцы ӕфсымӕрты ӕмкусӕг дӕн. Хуыцаумӕ бакув, уымӕн ӕмӕ, Йесойы тыххӕй чи дзуры, уыдонмӕ ис пехуымпарады мон».


Ӕз, Иоанн, федтон ӕмӕ фехъуыстон ӕппӕт уыдӕттӕ. Куы сӕ фехъуыстон ӕмӕ сӕ куы федтон, уӕд бакувынмӕ мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн, уыдӕттӕ мын чи ӕвдыста, уыцы зӕды къӕхты раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan