Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:44
38 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.


Дӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ дӕ паддзахад никуы фӕцуддзысты, ӕмӕ лӕудзӕни дӕ паддзахы бадӕн Мӕ разы ӕнустӕм“».


Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда, уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты.


Цӕрдзысты, Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, сӕ фыдӕлтӕ кӕм цардысты, ууыл. Уым мыггагмӕ цӕрдзысты сӕхӕдӕг дӕр, сӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаджы байзӕддаг дӕр. Мӕ цагъар Давид та мыггагмӕ уыдзӕни сӕ фӕтӕг.


Фӕлӕ уӕлӕрвты ис сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау, ӕмӕ Уый паддзах Навуходоносорӕн раргом кодта, рӕстӕджы кӕрон цы ӕрцӕудзӕнис, уыдӕттӕ.


Уалынджы хохӕй йӕхи ӕгъдауӕй дур фӕхицӕн ис, гуымирыйы ӕлыг ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй конд къӕхтыл ӕрхаудис ӕмӕ сӕ ныззыгуым кодта.


Ӕмӕ уӕд ӕфсӕн, ӕлыг, ӕрхуы, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин нызгъӕлӕнтӕ сты. Дымгӕ сӕ сӕрдыгон мусы зыгуымау ахаста, ӕмӕ сӕ фӕд дӕр нал фӕзынди. Гуымирыйыл цы дур ӕрхауди, уый та фестади, зӕхх ӕгасӕй дӕр чи бацахста, ахӕм хох.


Паддзах! Ды дӕ паддзӕхты паддзах! Уӕларвон Хуыцау дӕ скодта паддзахад, хъомыс, тых ӕмӕ кады аккаг,


Ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕлыг фӕрсӕй-фӕрстӕм куыд уыдысты, афтӕ паддзахады хӕйттӕ дӕр иудзинадмӕ тырндзысты ӕмӕ сӕ чызджыты кӕрӕдзимӕ моймӕ дӕтдзысты, фӕлӕ, ӕфсӕйнаг ӕлыгимӕ куыд нӕ баиу уыдзӕн, афтӕ уыдонмӕ дӕр иудзинад никуы фӕзындзӕн.


Мӕн фӕндыд, мӕ фын цы амоны, уый бамбарын ӕмӕ Вавилоны куырыхонтӕм фӕсидтӕн.


Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


Уый у ирвӕзынгӕнӕг, аразы диссӕгтӕ ӕмӕ фенын кӕны ӕвдисӕйнӕгтӕ уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл. Йӕ фӕрцы Даниил домбӕйтты дзӕмбытӕй аирвӕзт».


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Йӕ мӕнгард миты фӕрцы йӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ размӕ цӕудзысты, ӕмӕ йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн. Мӕнгардӕй бирӕты фесафдзӕн, сыстдзӕн суанг паддзӕхты Паддзахы ныхмӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг дӕр бабын уыдзӕн, ӕмӕ лӕджы къухӕй нӕ амӕлдзӕн.


Ӕз сӕвзардзынӕн къуылыхты ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард рӕтты кӕй ныххӕлиу кодтон, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм, ӕмӕ сын Дунедарӕг уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл.


паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.


Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй.


Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.


Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»


Уӕдӕ, ӕнӕфӕцудгӕ Паддзахадмӕ цӕугӕйӕ, хъуамӕ уӕм бузныг, ӕмӕ Йын ӕхцон куыд уа, афтӕ хъуамӕ кусӕм Хуыцауӕн, аргъ Ын кӕнгӕйӕ ӕмӕ Дзы тӕрсгӕйӕ.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Ӕз уыцы бар Мӕ Фыдӕй куыд райстон, афтӕ. Уый сӕ хиздзӕни ӕфсӕн лӕдзӕгӕй, ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтау базгъӕлӕнтӕ уыдзысты,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan