Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Къӕхтӕ ӕмӕ къахы ӕнгуылдзтӕ ӕлыг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд кӕй уыдысты, уый та, паддзахад кӕй ныддихтӕ уыдзӕн, уый амоны. Хӕрз чысыл рӕстӕг ӕфсӕнвидар уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕн ӕмӕ ӕлыг ӕмхӕццӕйӕ федтай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:41
8 Iomraidhean Croise  

Цыппӕрӕм паддзахад ӕфсӕйнагау фидар уыдзӕн. Ӕфсӕйнаг алцы куыд ныппырх ӕмӕ ныззыгуым кӕны, афтӕ уый дӕр, йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдон ныддӕрӕн кӕндзӕн.


Кӕм фидар уыдзӕн, кӕм та — лӕмӕгъ, къахы фадтӕ ӕфсӕн ӕмӕ ӕлыгӕй конд кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ.


Дӕс сыкъайы та нысан кӕнынц, уыцы паддзахады фӕд-фӕдыл дӕс паддзахы кӕй уыдзӕнис, уый. Уыдоны фӕстӕ ма фӕзындзӕн иу паддзах. Уый иннӕты хуызӕн нӕ уыдзӕн: ӕртӕ паддзахы бабын кӕндзӕн,


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Арвыл фӕзынд ӕндӕр бӕлвырд нысан дӕр: ӕртхуыз стыр залым — авд сӕры ӕмӕ йын дӕс сыкъайы, йӕ сӕртыл — авд кады худы.


Ӕз лӕууыдтӕн денджызы был змисыл ӕмӕ федтон денджызӕй рацӕйцӕугӕ сырды. Уыдис ын дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры; йӕ сыкъатыл уыди дӕс кады худы, йӕ сӕртыл та — Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ.


Ды цы дӕс сыкъайы федтай, уыдон сты дӕс паддзахы. Сӕ паддзахӕдтӕ нӕма райстой, фӕлӕ сахаты ӕмгъуыдмӕ сырдимӕ райсдзысты паддзахы бартӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan