Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Цыппӕрӕм паддзахад ӕфсӕйнагау фидар уыдзӕн. Ӕфсӕйнаг алцы куыд ныппырх ӕмӕ ныззыгуым кӕны, афтӕ уый дӕр, йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдон ныддӕрӕн кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:40
12 Iomraidhean Croise  

Уаддымгӕйау мыл Йӕхи ныццавта, ӕнаххосӕй мӕ хойы ӕмӕ хойы.


Искӕмӕн йӕ бон у цӕгатаг ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг ныссӕттын?


йӕ зӕнгтӕ — ӕфсӕнӕй, йӕ фадтӕ та — ӕлыгӕй.


Дӕ фӕстӕ фӕзындзӕн ӕндӕр, лӕмӕгъдӕр, паддзахад, уый фӕстӕ та ӕртыккаг — ӕрхуы паддзахад. Йӕ паддзах ӕгас зӕххыл паддзахиуӕг кӕндзӕн.


Къӕхтӕ ӕмӕ къахы ӕнгуылдзтӕ ӕлыг ӕмӕ ӕфсӕнӕй конд кӕй уыдысты, уый та, паддзахад кӕй ныддихтӕ уыдзӕн, уый амоны. Хӕрз чысыл рӕстӕг ӕфсӕнвидар уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕн ӕмӕ ӕлыг ӕмхӕццӕйӕ федтай.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Уый тынг стыхджын уыдзӕн, фӕлӕ ӕбуалгъ фыдбылызтӕ йӕхи хъаруйӕ нӕ араздзӕн. Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты, бабын кӕндзӕни хъомысджынты ӕмӕ сыгъдӕджыты.


Авд хатты ӕхсай дыууӕ азы куы рацӕуа, уӕд Байсӕрсты амардӕуыдзӕн, ӕмӕ Йӕм ницы азым уыдзӕн. Ӕрбабырсӕг фӕтӕджы адӕм сахар дӕр ӕмӕ Кувӕндон дӕр ныппырх кӕндзысты. Фӕтӕджы сӕфт та уыдзӕни стыр бӕллӕхау, ӕмӕ уыцы фыдӕвзарӕн дуджы кӕронмӕ хӕст нӕ банцайдзӕн, рагацау куыд нысангонд уыдис, афтӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дамаскы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, Галаады хох ӕфсӕн найгӕнӕнтӕй кӕй ныссӕста, уый тыххӕй.


Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл се ’ппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ нын нӕ ацы уаз бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзысты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan