Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Паддзах! Ды дӕ паддзӕхты паддзах! Уӕларвон Хуыцау дӕ скодта паддзахад, хъомыс, тых ӕмӕ кады аккаг,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:37
32 Iomraidhean Croise  

Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.


Евил-Меродах ӕм ракасти хӕлар цӕстӕй. Вавилоны ма йӕм хасты цы ӕцӕгӕлон паддзӕхтӕ уыд, уыдоны ӕхсӕн ын кодта уӕлдай кад.


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон. Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдон иууылдӕр уырдӕм ацӕуӕнт, ӕмӕ уын Дунедарӕг ахъазгӕнӕг фӕуӕд!»


«Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: „Афтӕ зӕгъы Кир, Персы паддзах: дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ мын иууылдӕр Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, мӕ къухмӕ радта. Ӕмӕ мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй Йын Йерусалимы, Иудейы зӕххыл, саразон Кувӕндон.


«Ӕз, Артаксеркс, паддзӕхты паддзах, сауджын Езрайӕн, Уӕларвон Хуыцауы алцӕмӕй ӕххӕст Ӕгъдауыл ахуыргӕнӕгӕн, ӕмӕ афтӕ дарддӕр,


кардылӕфтыд фӕуӕнт, хъӕддаг куыйтӕ сӕ бахӕрӕнт!


Мӕ фӕрцы паддзӕхтӕ хицауиуӕг кӕнынц, барджын хицӕуттӕ раст тӕрхон рахӕссынц;


Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


«Ӕнӕ хъыпп-сыппӕй бад, Халдейы чызг, аууонмӕ айс дӕхи. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал хондзысты паддзахӕдты ӕхсин.


Уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз уыцы адӕмтӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бӕрзӕйыл ӕфсӕйнаг ӕфсондз бакӕндзынӕн, цӕмӕй Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн лӕггад кӕной, уый тыххӕй. Уыдон суыдзысты йӕ цагъартӕ, суанг ын хъӕддаг сырдты дӕр бакӕндзынӕн йӕ дӕлбар“».


Вавилоны паддзах Навуходоносор йе ’фсадимӕ ӕмӕ, кӕй басаста, уыцы паддзахӕдтӕ ӕмӕ адӕмтимӕ Йерусалим ӕмӕ йӕ алыварс сахартыл куы ’рхъула кодта, уыцы заман Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Тир, дӕ ныхмӕ дын цӕгатӕрдыгӕй ӕрбакӕндзынӕн Вавилоны паддзах, паддзӕхты паддзах Навуходоносоры, йе стыр ӕфсадимӕ, ӕд бӕхтӕ, ӕд уӕрдӕттӕ ӕмӕ ӕд бӕхджынтӕ, ӕнӕнымӕц ӕфсадимӕ.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Паддзах, мӕнӕ цы федтай: дӕ разы лӕууыдис егъау гуымиры, ӕвирхъау ӕрттывд кодта ӕмӕ йӕ уындӕй тас ӕфтыдта.


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Паддзах, уыцы бӕлас ды дӕ! Ды тынг номдзыд ӕмӕ хъомысджын дӕ! Дӕ кад уӕларвмӕ ӕххӕссы, ӕгас дунейы хицауиуӕг кӕныс.


Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцӕудзынӕ, цӕрдзынӕ сырдтимӕ, галау кӕрдӕг хӕрдзынӕ ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй дӕхи ӕхсдзынӕ. Авд азы куы рацӕуа, уӕд бамбардзынӕ: ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн сӕ хицау у Иууылбӕрзонд, ӕмӕ паддзахы бынат, кӕмӕн ӕй бафӕнды, уымӕн ратты.


Даниил цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр Навуходоносорыл ӕрцыдысты.


Мӕн фӕндыд, мӕ фын цы амоны, уый бамбарын ӕмӕ Вавилоны куырыхонтӕм фӕсидтӕн.


Ӕппӕт зӕххон цӕрджытӕ ницы сты Йӕ разы. Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕны уӕларвон ӕфсадӕн ӕмӕ зӕххон цӕрджытӕн. Ничи Йын бауромдзӕн Йӕ къух, цы кусыс, зӕгъгӕ, Йын ничи зӕгъдзӕн.


Ныр ӕз стауын Уӕларвон Паддзахы ӕмӕ Йын кад кӕнын. Йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Уый ӕрныллӕг кӕндзӕн, сӕрбӕрзондӕй чи цӕуы, уыдоны».


Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.


Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.


Фӕлӕ адӕмтӕн цыфӕнды лӕвӕрттӕ куы уарой, уӕддӕр сӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн тӕрхонмӕ, ӕмӕ хъомысджын паддзахы ӕфсондзы бын хъизӕмарӕй мӕлдзысты.


Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.


Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».


ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,


Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».


Йӕ пӕлӕзыл, Йӕ фарсыл фыст ис Йӕ ном: «Паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау».


«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».


ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нывондӕн Кӕй ӕрхастӕуыд, уыцы Уӕрыкк у кад, намыс ӕмӕ арфӕйы аккаг; Уый у тыхджын ӕмӕ хъӕздыг, куырыхон ӕмӕ хъомысджын!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan