Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Ӕмӕ уӕд ӕфсӕн, ӕлыг, ӕрхуы, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин нызгъӕлӕнтӕ сты. Дымгӕ сӕ сӕрдыгон мусы зыгуымау ахаста, ӕмӕ сӕ фӕд дӕр нал фӕзынди. Гуымирыйыл цы дур ӕрхауди, уый та фестади, зӕхх ӕгасӕй дӕр чи бацахста, ахӕм хох.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:35
28 Iomraidhean Croise  

Ӕнтӕфы айсысынц, ӕмӕ сӕ донвӕд сурӕй аззайы.


Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ, ливайнаг кедртӕ — Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.


О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.


Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ!


Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.


Хӕстмондагӕй цъӕх арт уадзут, фӕлӕ ризут, адӕмтӕ! Ӕрбайхъусут, дард бӕстӕтӕ! Хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут, хӕстмӕ сцӕттӕ кӕнут уӕхи, фӕлӕ ризут!


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Уымӕ гӕсгӕ уыдон райсомы мигъӕй, ӕртӕхӕй уӕлдай нал уыдзысты; мусы зыгуымау, тохынайы фӕздӕгау ӕрбайсӕфдзысты.


Сыст ӕмӕ райдай ссын, Сионы чызг! Ӕфсӕйнаг сыкъатӕ, ӕрхуы сӕфтджытӕ дын скӕндзынӕн, ӕмӕ бирӕ адӕмты басӕтдзынӕ. Сӕ фӕллӕйттӕ ӕмӕ сын сӕ исбон фесафдзынӕ — Дунедарӕгӕн, ӕппӕт зӕххы Дунедарӕгӕн сӕ снывонд кӕндзынӕ.


Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.


Уымӕн ӕмӕ Чырысти хъуамӕ паддзахиуӕг кӕна, цалынмӕ Йын Хуыцау ӕппӕт знӕгты Йӕ къӕхты бын ӕрӕвӕра, уӕдмӕ.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


фӕлӕ сыл нӕ фӕуӕлахиз сты, ӕмӕ сын уӕларвы бынат нал уыд.


Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan