Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Паддзах, ӕз дунейы ӕппӕтӕй зондджындӕр нӕ дӕн. Ацы сусӕгдзинад мын уымӕн раргом ис, цӕмӕй дын дӕ фын райхалон, ӕмӕ дӕ цы тыхсын кӕны, уый бамбарай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:30
16 Iomraidhean Croise  

Йосеф дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз нӕ — Хуыцау ратдзӕни фараонӕн фарны дзуапп».


О Дунедарӕг, фыдгӕнӕгӕй мӕ фервӕзын кӕн, тыхгӕнӕгӕй мӕ бахиз!


Нӕ Мӕ зыдтай, фӕлӕ дӕм Ӕз Мӕ цагъартӕ ӕмӕ Ме ’взӕрстыты — Йаковы байзӕддаджы, Израилы адӕмы сӕраппонд — фӕсидтӕн дӕ номӕй ӕмӕ дӕ скадджын кодтон.


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.


Мӕнӕ ис, хӕхтӕ ӕмӕ дымгӕ Чи сфӕлдыста, Йӕ фӕндон адӕмӕн чи раргом кӕны, сӕуӕхсид талынг Чи фестын кӕны ӕмӕ къуыбыртӕ Чи ссӕнды, Уый, Йӕ ном — Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.


Ӕмӕ Бардарӕг уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр кодтаид, уӕд удӕгасӕй ничиуал баззадаид. Фӕлӕ Йе ’взӕрст адӕмы — Йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста, уыдоны сӕраппонд сӕ фӕкъаддӕр кодта.


Петр уый куы федта, уӕд загъта адӕмӕн: «Израилӕгтӕ, цы йыл дис кӕнут ӕмӕ нӕм цы ныккастыстут, цыма, йӕ къӕхтыл кӕй цӕуы, уый нӕхи хъаруйӕ кӕнӕ, дингӕнджытӕ кӕй стӕм, уый руаджы бакодтам?


Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.


Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan