Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 паддзах загъта: «Ӕз федтон фын ӕмӕ тыхсын, уымӕн ӕмӕ йӕ мӕ бон бамбарын нӕу».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:3
5 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Фараон Йосефӕн загъта: «Иу фын федтон, ӕмӕ никӕй бон у йӕ райхалын. Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, фын дын куы радзурынц, уӕд ӕй уайтагъд райхалыс, зӕгъгӕ».


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.


Ӕппынфӕстаг мӕ разы ӕрлӕууыд, мӕ хуыцауы номмӕ гӕсгӕ Белтешацар кӕй хуыдтой, уыцы Даниил. Уый хайджын у Хуыцауы Удӕй. Ӕз Даниилӕн загътон:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan