Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Даниил паддзахӕн дзуапп радта: «Паддзах цы сусӕгдзинадӕй фӕрсы, уый йын куырыхонтӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ стъалыдӕснытӕ нӕ раргом кӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:27
12 Iomraidhean Croise  

Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».


Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Сӕ сӕрӕн нал уыдзысты мысырӕгтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ныссуйтӕ кӕндзынӕн. Уынаффӕгур фӕрсдзысты гуымирыты, мӕрдты монты, мӕрдтӕмсидджыты ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты.


Мӕнгпехуымпарты Ӕз багӕды кӕнын, дӕсныфӕрсджытӕй ӕдылытӕ аразын, куырыхонтӕн сӕ зонд сафын.


О, адӕмты Паддзах, чи нӕ фӕтӕрсдзӕн Дӕуӕй! Кады аккаг ӕрмӕстдӕр Ды дӕ! Ӕппӕт паддзахӕдты, адӕмты ӕппӕт куырыхонты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал нӕй!


Паддзах-иу сӕ цыфӕнды хъуыддагӕй дӕр куы фарста, уӕд-иу ӕгас паддзахады дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕй дӕс хатты зондджындӕр разындысты.


Паддзах фӕсидти кӕлӕнгӕнджытӕ, дӕсныфӕрсджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕм. Куы ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ разы куы ӕрлӕууыдысты, уӕд сын


Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan