Даниил 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст21 Йӕ фӕндонӕй замантӕ заманты ивынц; адӕймагӕй паддзах дӕр Уый скӕны, йӕ бынатӕй дӕр ӕй Уый сисы; куырыхонтӕн ратты уӕлзонд, ӕмбаргӕты схайджын кӕны зондӕй. Faic an caibideil |
Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хуссары паддзах цӕгаты паддзахимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ чызгӕн йӕ цард нывыл нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фыды фӕндтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хуссары паддзахы чызджы, йӕ фыды, йӕ мой ӕмӕ йӕ сывӕллоны, стӕй ус-паддзахы бынат кӕй фӕрцы бацахста, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардзысты.