Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыцы ӕхсӕв Даниил федта цӕстылуайӕн, ӕмӕ йын сусӕгдзинад раргом чындӕуыд. Даниил Хуыцауӕн арфӕ ракодта:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:19
16 Iomraidhean Croise  

Адӕм тарф фынӕй куы кодтой, уӕд мыл ӕхсӕвы ӕнӕнцой цӕстылуайӕнтӕй


Хуыцау цыппар лӕппуйы схайджын кодта уӕлзондӕй, цавӕрфӕнды чиныджы алы фыст дӕр ӕмбӕрстой. Даниил та ма хайджын уыдис алыхуызон фынтӕ ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ ӕмбарын кӕныны курдиатӕй дӕр.


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Дыууадӕс мӕйы фӕстӕ паддзах Вавилоны йӕ галуаны рацӕйцыд


Бӕлас уыди диссаджы рӕсугъд, йӕ сыфтӕр — бӕзджын, фыр задӕй йӕ къалиутӕ зӕхмӕ тасыдысты. Ӕгас дунейы дзыллӕты ӕфсӕста, йӕ быны сырдтӕ ӕрцардысты, йӕ къалиуты ’хсӕн мӕргътӕ ахстӕттӕ скодтой.


Даниил йӕ ныхас райдыдта афтӕ: «Ӕхсӕвы ӕз цӕстылуайӕны федтон, цыппар уӕларвон дымгӕйы денджыз куыд змӕнтынц, уый.


Цыппӕрӕм сырд уыди ӕвирхъау тӕссаг ӕмӕ тынг тыхджын, стыр ӕфсӕйнаг дӕндӕгтимӕ. Алцыдӕр хордта ӕмӕ дӕрӕн кодта, уӕлдӕйттӕ та йӕ къӕхты бын ссӕста. Иннӕ сырдтӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ уыд, ӕмӕ йын уыдис дӕс сыкъайы.


Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.


Дунедарӕг загъта: «Байхъусут мӕ ныхӕстӕм: Кӕд уе ’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы, уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты раргом кӕнын Мӕхи, фыны фӕдзурын йемӕ.


Израилы адӕм дӕр уыцы хабарыл бацин кодтой ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодтой. Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгты ныхмӕ схӕцыны фӕнд аивтой ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ гӕныстон кӕнынмӕ нал бавнӕлдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan