Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 2:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕларвон Хуыцауӕй хорзӕх курӕнт, цӕмӕй сын фыны сусӕгдзинад раргом кӕна ӕмӕ сӕ Вавилоны иннӕ куырыхонтимӕ ма амарой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 2:18
22 Iomraidhean Croise  

дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы фондз хъуаг разындысты, зӕгъгӕ, уӕд уыцы фондзы аххосӕй ӕнӕхъӕн сахар бабын кӕндзынӕ?» Дунедарӕг дзуапп радта: «Фондз ӕмӕ дзы дыууиссӕдз рӕстгӕнӕджы куы ссарон, уӕд ӕй нӕ бабын кӕндзынӕн».


Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.


зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,


Ассирийы паддзах йӕ хистӕр дзагдары ӕрбарвыста цардӕгас Хуыцауӕн фидистӕ кӕнынмӕ. Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы фехъусид, куыд ӕй фауынц, уый! Гъемӕ скув, удӕгас ма нӕ чи баззад, уыдоны тыххӕй».


балӕгъстӕ Мын кӕн, ӕмӕ дын Ӕз дзуапп ратдзынӕн, цы нӕ зоныс ӕмӕ адӕймаджы зонд цӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы диссӕгтӕ дын фенын кӕндзынӕн.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.


Кад ӕмӕ Дын арфӕ кӕнын, мӕ фыдӕлты Хуыцау! Радтай мын хъару ӕмӕ уӕлзонд! Сӕххӕст нын кодтай нӕ курдиат — паддзахы фын нын раргом кодтай».


Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн.


Дыууадӕс мӕйы фӕстӕ паддзах Вавилоны йӕ галуаны рацӕйцыд


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Куыд уӕм кӕсы, фондзыссӕдз фысы кӕмӕ ис, уымӕн дзы иу куы фӕдзӕгъӕл уа, уӕд йе нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз фысы хӕхты нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ йӕ дзӕгъӕл фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн?


Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ кувынвӕнд куы скӕной, уӕд сын, цы курой, уый лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй.


Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд.


Ӕфсымӕртӕ, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хатырӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы уарзты хатырӕй курын сымахӕй: зӕрдиагӕй мын кувут Хуыцаумӕ,


Бардарӕг зоны, рӕстгӕнджыты фӕлварӕнтӕй куыд фервӕзын кӕнын хъӕуы, уый. Ӕнӕхуыцӕуттӕн та Тӕрхоны бонмӕ аиргъӕвы се ’фхӕрд,


Ноджы ма загъта Давид: «Домбай ӕмӕ-иу мӕ арсы дзӕмбыйӕ цы Дунедарӕг бахызта, Уый мӕ ацы филистимаджы къухӕй дӕр бахиздзӕни». Саул Давидӕн загъта: «Цу уӕдӕ, ӕмӕ дын Дунедарӕг ӕххуысгӕнӕг уӕд».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan