Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 12:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уыдонӕй иу, гӕн хъуымацӕй дарӕсы доны сӕрмӕ чи лӕууыд, уый, бафарста: «Ӕмӕ уыцы диссӕгтӕн сӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 12:6
16 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм.


Ӕмӕ ӕз федтон: йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы уӕллаг кулдуары ’рдыгӕй ӕрбацӕуынц ӕхсӕз лӕджы, алкӕй къухы дӕр дзы — марӕн гарз. Се ’хсӕн ма уыдис иу лӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕсы, йӕ астӕуыл — нымӕрдары фыссӕнгарз. Ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрхуы нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты.


Уӕд ӕз, Даниил, размӕ акастӕн ӕмӕ федтон: ноджы ма дыууӕйӕ лӕууынц, иу — донӕн йӕ ацы фарс, иннӕ та — йӕ фаллаг фарс.


Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?»


Ӕз фехъуыстон дыууӕ зӕды ныхас, иу дзы иннӕйы куыд бафарста, уый: «Ацы заууатӕн кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн? Ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕссӕн кӕдмӕ нӕ уыдзӕн? Кувӕндон ӕмӕ уӕларвон ӕфсад ссӕсты бынаты кӕдмӕ уыдзысты?»


Улайы доны астӕуӕй мӕм адӕймаджы хъӕлӕсӕй ӕрбадзырдӕуыд: «Гавриил, ацы лӕгӕн, йӕ фын цы амоны, уый бамбарын кӕн».


Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»


«Зӕгъ-ма нын, уый кӕд уыдзӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕн се ’рцыды афон цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис?»


цӕмӕй, уӕлӕрвты чи ис, уыцы хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн Аргъуаны руаджы ныр зындгонд уа Хуыцауы уӕлзонд, алы хуызы йӕхи чи ӕвдисы, уый.


Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.


Гӕн хъуымацӕй сыгъдӕг ӕмӕ ӕрттивгӕ дарӕсы, сӕ риутыл сыгъзӕрин рӕттӕ, афтӕмӕй Кувӕндонӕй рацыдысты авд зӕды — авд рынимӕ.


Уӕларвон ӕфсад урс бӕхтыл цыдысты Йӕ фӕдыл, гӕн хъуымацӕй дарӕсы — урс-урсид ӕмӕ сыгъдӕг.


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan