Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Даниил 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕрвылбоны нывӕндтӕ куы ничиуал хӕсса ӕмӕ ӕлгъаг заууат куы ралӕууа, уыцы заманӕй рацӕудзӕн иу мин дыууӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Даниил 12:11
14 Iomraidhean Croise  

Алы бон дӕр-иу уыцы нывондхӕссӕныл нывондӕн ӕрхӕсс дыууӕ уӕрыччы.


Уый куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу дыккаг хатт ӕрхуысс — ныр та дӕ рахиз фарсыл, ӕмӕ Иудейы адӕмы азым хӕсс дыууиссӕдз боны, азы ныхмӕ дын Ӕз снысан кодтон бон.


«Дӕ хорзӕхӕй, бафӕлвар дӕ цагъарты. Дӕс боны нын дон ӕмӕ халсартӕ йеддӕмӕ мацы ратт.


Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.


Иууылбӕрзонды ныхмӕ дзурдзӕн, Йӕ сыгъдӕджыты Йын удхарӕй мардзӕн, сфӕнд кӕндзӕн Ӕгъдау ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ аивын. Иу ӕмгъуыдмӕ, дыууӕ ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕгмӕ сыгъдӕджытӕ йӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Изӕр ӕмӕ райсомы нывӕндты тыххӕй дын цӕстылуайӕны цы раргом ис, уый ӕцӕг у, фӕлӕ цыдӕриддӕр федтай, уыдӕттӕ басусӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ рӕстӕджы кӕронимӕ баст сты».


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.


Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —


Кӕм не ’мбӕлы, уым „ӕлгъаг заууат“ куы фенат (ацы ныхӕстӕ чи кӕсы, уый сӕ йӕхӕдӕг бамбарӕд), уӕд, Иудейы чи уа, уыдон лидзӕнт хӕхтӕм.


Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы.


Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.


Сырдӕн лӕвӕрд ӕрцыд ӕвзаг схъӕл ныхӕстӕ кӕнынӕн ӕмӕ Хуыцауы фауынӕн, лӕвӕрд ын ӕрцыди дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы дӕргъы ӕлдариуӕг кӕныны бар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan