9 Цалдӕр азы фӕстӕ цӕгаты паддзах хуссармӕ бабырсдзӕн, фӕлӕ йӕ фӕстӕмӕ раздӕхын бахъӕудзӕн.
Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд цӕгаты паддзахы фырттӕ сӕхи хӕстмӕ сцӕттӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕм стыр ӕфсад ӕрӕмбырд уыдзӕн. Ӕфсымӕртӕй иу йе ’фсадимӕ стыр цӕугӕдонау размӕ бырсдзӕн ӕмӕ суанг хуссары паддзахы фидармӕ бахӕццӕ уыдзӕн.
Хуссары паддзах тынг смӕсты уыдзӕн ӕмӕ цӕгаты паддзахы ’фсадимӕ тохы бацӕудзӕн. Цӕгаты паддзах ноджы фылдӕр ӕфсӕдтӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фӕлӕ иууылдӕр йе знаджы амӕттаг бауыдзысты.
Уыцы заман стыхджын уыдзӕни хуссары паддзах, фӕлӕ йе ’фсады балхонтӕй иу йӕхицӕй тыхджындӕр суыдзӕн ӕмӕ ноджы уӕрӕхдӕр зӕххытӕ бацахсдзӕн.
Паддзахады хуыцаугӕндтӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ, алыхуызон хӕзнатӕ, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — алцыдӕр йӕхи бакӕндзӕн. Мысырмӕ сӕ аласдзӕн ӕмӕ цалдӕр азы цӕгаты паддзахы нал бахъыгдардзӕн.
Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».
Уыдон тох кӕндзысты Уӕрыккимӕ, ӕмӕ сӕ Уӕрыкк басӕтдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уый у хицӕутты Хицау ӕмӕ паддзӕхты Паддзах, ӕмӕ хуындтытӕ, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ Йӕ иузӕрдионтӕ уыдзысты Йемӕ».