Даниил 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст7 Хуссары паддзахы фырт йӕ фыды бынат бацахсдзӕн ӕмӕ цӕгаты ’фсады ныхмӕ тох кӕндзӕн. Цӕгаты паддзахы фидармӕ бабырсдзӕн ӕмӕ йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн. Faic an caibideil |
Рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд хуссары паддзах цӕгаты паддзахимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ чызгӕн йӕ цард нывыл нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ йӕ фыды фӕндтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты: цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ хуссары паддзахы чызджы, йӕ фыды, йӕ мой ӕмӕ йӕ сывӕллоны, стӕй ус-паддзахы бынат кӕй фӕрцы бацахста, уыдоны се ’ппӕты дӕр амардзысты.